филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:01 суббота, 27 апреля 2024
26 марта 2024, 12:17
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ армрестлингæй йæхи иттæг хорз равдыста Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты

Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæдтой 92 адæймаджы

Цæгат Ирыстоны иугонд командæ армрестлингæй йæхи иттæг хорз равдыста Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты. Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæдтой 92 адæймаджы. Уæвгæ, спорты ацы хуыз фæстаг рæстæг кæны парахатдæр. Тренерты хъуыдымæ гæсгæ, нæ фæсивæдæн ис бæллиццаг фидæн. Уымæн æвдисæн – цас майдантæ рамбылдтой, уый. Спортсментимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Бакæсæм нæ сюжетмæ.

Армæй хæцæг Дзансохты Сослан 4 азæй фылдæр архайы армрестлингæй. Ацы секцимæ фæндаг ын бацамыдта йе мбал. Куыддæр спорты ацы хуызимæ базонгæ, афтæ йæ дисы бафтыдта, æмæ райдыдта йæхиуыл кусын.

Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты Сослан фыццаг сси 55 килограммы уæзы. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй ерыстæм цæттæ кæнгæйæ фæци гыццыл цæф, фæлæ йæ уый нæ бахъыгдардта, кæмæ бæллыди, уыцы майдан рамбулын.

Уæрæсейвг ерысты ма Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдта спорты мастер Гецаты Еленæ. Æрыгон чызг ныр цыппæрæм хатт рамбылдта сызгъæрин майдан æппæтуæрæсеон ерысты.

Еленæ куыд зæгъы, афтæмæй йын бирæ хæттыты загътой, спорты ацы хуыз чызджытæн кæй нæу, уый. Фæлæ радон хатт ахæм кадджын ерыстæй уæлдæр хæрзиуæгимæ куы ссæуы, уæд се ппæты дæр бауырнын кæны – сæйрагдæр у уæлахизмæ тырнындзинад.

Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ ацыдысты горæт Орелы. Архайдтой дзы 850 спортсменæй фылдæр нæ бæстæйы 50 регионæй. Цæгат Ирыстоны кад та дзы хъахъхъæдтой 92 адæймаджы. Иумæйаг нымадæй нæ республикæйы минæвæрттæ сластой 74 майданы. Уыдонæй 32 – сызгъæринтæ. Цæгат Ирыстоны армрестлингы федерацийы президент Цъæхилты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй фæсивæд сæхи тынг зæрдиагæй бацæттæ кодтой ацы ерыстæм.

Армрестлингы федерацийы президент ма куыд загъта, афтæмæй фæстаг рæстæг спорты ацы хуыз нæ регионы тынг парахат кæны. Уымæн æвдисæн – афæдзæй афæдзмæ не спортсменты æнтыстдзинæдтæ хуыздæр кæй кæнынц, уый. Ныртæккæ армæй хæцджытæн уыдзæн ахсджиаг рæстæг. Хъуамæ ацæуой тренировкæтæгæнæн лагерь, æмæ райдайой радон ерыстæм зæрдиагæй цæттæ кæнын. Апрелы 35 спортсменæй фылдæр нæ республикæйы иугонд командæйæ ацæудзысты Уæрæсейы чемпионатмæ. Арæзт æрцæудзæн горæт Орелы, 15-æмæй 20-æм апрелы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania