филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:15 суббота, 04 мая 2024
07 июля 2022, 11:49
Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны бацыд уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæттæм гæххæттытæ исæн кампани

Документтæ бадæттын абитуриенттæн сæ бон у 20 июнæй – 25-æм июльмæ

Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны бацыд уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæттæм гæххæттытæ исæн кампани. Документтæ бадæттын абитуриенттæн сæ бон у 20 июнæй – 25-æм июльмæ. Уæвгæ та кампани йæ куыст фæуыдзæн 28 августы. Куыд цæуы уыцы ахадгæ куыст, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Цæгат Ирыстоны абитуриенттæ сæхи цæттæ кæнынц уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынмæ. Афтæ Акъоты Сослан йæ гæххæттытæ балæвæрдта Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды йæ фыды куыст адарддæр кæнын.

Акъоты Сослан, абитуриент: «Фæнды мæ хæдзæрттæ амайын мæ фыды хуызæн. Мæ ахуыр куы фæуон, уæд кусдзынæн мæ райгуырæн бæстæйы, уымæн æмæ мæ фæнды, цæмæй Ирыстон размæ цæуа.»

Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæттæм канд Ирыстоны абитуриенттæ нæ тырнынц, фæлæ ма фæсарæнтæй дæр æрбацæуынц. Мегапте Типджоп Жуни ссыд Камерунæй. Ирыстоны цæры 6 азы. Бацыд Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ. Фæнды йæ йæ сывæллæтты дæр ардæм æрласын, цæмæй уыдон дæр ахуырад райсой Ирыстоны.

Мегапте Типджоп Жуни: «Цæгат Ирыстоны цæрын 6 азы. Кæд нæ культурæтæ алыхуызон сты, уæддæр дзы мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Фæнды мæ, цæмæй ацы рæсугъд æрдзы алыварс цæрой мæ сывæллæттæ æмæ мæ сæ фæнды ардæм сласын.»

Ацы аз хæххон-металлургон институты абитуриенттæн ис 959 бюджетон бынаты. Уыдонмæ хауынц бакалавртæ æмæ магистртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы инженерон кадртæ хъæугæ кæй сты, уымæ гæсгæ азæй-азмæ абитуриентты хыгъд дæр фылдæр кæны.

Табуты Линдæ, инженер: «Фаронимæ абаргæйæ ацы аз нæ бюджетон бынæттæ фæфылдæр сты. Студенттæ ахуыр куы фæвæййынц, уæд куысты бынæттæ канд Ирыстоны не ссарынц, фæлæ ма Сахалины, Магаданы, Норильскы дæр фæкусынц. Азæй-азмæ нæ студенттæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Нæ практикæтæ сты тынг цымыдиссаг.»

Ног студентты суазæг кæнынмæ цæттæ сты Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты дæр.

Сокаты Аленæ: «Кусын райдыдтам 20 июны. Бон нæм æрбацæуы 100 адæймаджы онг. Фаронимæ абаргæйæ магистратурæйы бюджетон бынæттæ фæфылдæр сты 88 хатты.»

Ацы аз рахай кодтой бюджетон бынæтты 10 проценты сæрмагонд квотæйæн. Уыцы квотæ снысан кодтой, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны сывæллæттæн.

Дзæгъойты Кристинæ, абитуриент: «Мæ гыццылæй нырмæ мæ фæндыд, цæмæй мæ рауайа хорз дæндæгты дохтыр æмæ бацыдтæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Мæ ахуыр куы фæуон, уæд мæ фæнды Питермæ ацæуын æмæ уым кусын.»

Абитуриенттæн сæ бон сæ гæххæттытæ бадæттын у фæсаууонмæ университеты сайты уылты, кæнæ та спайда кæнын паддзахадон лæггæдты иумæйаг порталæй.

«Абитуриенттæн 25 июльмæ сæ бон сæ гæххæттытæ бадæттын уыдзæн 5 уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Гæххæтытæ исæн кампани та йæ куыст фæуыдзæн 28 августы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania