филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:37 воскресенье, 19 мая 2024
24 августа 2020, 11:35
Цæгат Ирыстоны коронавирусы инфекци парахат кæныны дыккæг уылæн æруадзæн нæй

Уый тыххæй Оперативон штабы радон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав

Цæгат Ирыстоны коронавирусы инфекци парахат кæныны дыккæг уылæн æруадзæн нæй. Уый тыххæй Оперативон штабы радон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Рæстæгæй-рæстæгмæ арæзт рейдтæ, цæрджытимæ куыст, хæрзхъæд медицинон æххуыс. æппæт ацы хъуыддæгтæ фадат ратдзæн æмбæлгæ уавæр бахъахъхъæнынæн. Ныридæгæн уал нын бантыст, загъта республикæйы разамонæг. Æмбырды рæстæг ма медицинон куыстуæтты разамонджытæ радзырдтой сæ стационарты уавæры тыххæй. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат куыд загъта, афтæмæй сæ территорийы дарддæр цæуынц соматикон корпусы рацарæзты куыстытæ. Уымæй дарддæр арæзт цæуы поликлиникæ. Бонмæ дзы лæггад кæндзысты 150 адæймагæн. Куыстытæ нысан кæнынц декабры кæронмæ фæуын. Уымæй дарддæр ма Цæгат Ирыстоны активонæй арæзт цæуынц фельдшерон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ. Районты рынчындæтты сæйраг дохтыртæ та радзырдтой объектты уавæры æмæ сæй байгом кæныны мгъуыды тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania