филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 воскресенье, 16 июня 2024
22 мая 2024, 11:39
Цæгат Ирыстоны креативон индустрияты рæзтыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Архайдтой дзы креативон индустрияйы федерацийы генералон директор Игорь Намаконов, æнæкоммерцион организаци «Креативный путь»-ы разамонæг Елена Гребенева, куыстуаты аналитик Максим Лозовский, нæ республикæйы хицауады минæвæрттæ

Цæгат Ирыстоны креативон индустрияты рæзтыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Архайдтой дзы креативон индустрияйы федерацийы генералон директор Игорь Намаконов, æнæкоммерцион организаци «Креативный путь»-ы разамонæг Елена Гребенева, куыстуаты аналитик Максим Лозовский, нæ республикæйы хицауады минæвæрттæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы креативон рæзты фонды разамонджытæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй нæ республикæйы стыр цæстæнгас дард цæуы креативон индустриятæм. Сæ стандарт саразыныл бæстон куыст æрцыд Уæрæсейы Президенты амындмæ гæсгæ. Арæзт у 12 къæпхæнæй. Уыцы хæслæвæрдты руаджы нæ республикæйы фæзындзысты ног креативон хъæппæристæ. Мартьийы нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ стратегион хъæппæристы Агентады разамынд бафыстой бадзырд нæ регионы креативон индустрияты рæзт фæпарахатдæр кæнынæн. Цæгат Кавказы субъектты *хсæн нæ республикæйы  се *ппæтæй  раздæр байгом креативон индустрияты рæзты Фонд. Æмбырды кæрон Дзанайты Барис раарфæ кодта йæ архайджытæн. Уый загъта, нæ республикæйы рæзты сæйраг бынат ахсы туризм. Цæгат Ирыстоны æрдз, хæларзæрдæ адæм, нæ хъæздыг культурæ æмæ цымыдисаг истори æлвасынц ардæм туристты нæ бæстæйы алы рæттæй. Архайæм нæ цæрджыты æмæ уазджыты æдасдзинадыл.   Дарддæр дæр кусдзыстæм нæ республикæйы рæзтыл, – загъта Хицауады сæрдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania