Адæмон фронты штабмæ цæуынц алы кары æмæ дæсныйæдты минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны къухфыстытæ æмбырд кæнынц Владимир Путины фарс рахæцыны, 2024-æм азы мартъийы президенты æвзæрстыты архайыны тыххæй. Адæмон фронты штабмæ цæуынц алы кары æмæ дæсныйæдты минæвæрттæ. Активисттæ семæ кусынц, амонынц сын куыд растдæр хъæуы гæххæт баххæст кæнын, уый. Йæхи хъæппæрисæй йæ кандидатурæ чи бахаста, уыцы кандидат æнæмæнг хъуамæ йæ фарс рахæцынæн хъæлæсгæнджыты æртæ мин къухфыстæй къаддæр ма æрæмбырд кæна. Уыимæ, Уæрæсейы Федерацийы иу субъектмæ 7 мин æмæ рдæг къухфыстæй фылдæр нæ хауы, хъæлæсгæнджытæ хъуамæ цæрой Уæрæсейы амынд субъекты. Дзæуджыхъæуы къухфыст сæвæрæн ис Адæмон фронты 25-æм январы онг. Алкæмæн дæр ис Къостайы Проспекты 38-æм арæзтады, спортивон комплекс ОЗАТЭ-йы бæстхаймæ æрбацæуыны æмæ гæххæт баххæст кæныны фадат. Æнæмæнг адæймагæн йæ паспорт хъуамæ уа йæхимæ.