филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:04 вторник, 07 мая 2024
20 мая 2022, 10:52
Цæгат Ирыстоны медицинон академийы арæзт æрцыд карьерæйы бон

Куысты бынæтты армукъамæ æрбацыдысты нæ бæстæйы Хуссар хайы куыстдæтджытæ

Цæгат Ирыстоны медицинон академийы арæзт æрцыд карьерæйы бон. Куысты бынæтты армукъамæ æрбацыдысты нæ бæстæйы Хуссар хайы куыстдæтджытæ. Сæ бон равзарын уыд 20 мин куысты бынатæй фылдæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Абон лæууынц сæ профессионалон фæндаджы райдиан. Нæ бæстæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйы 20 мин куысты бынатæй фылдæр – сæрмагондæй Цæгат Ирыстоны медицинон академийы рауагъдонтæн. Рæмонаты Кристинæ йæхи фæндаг равзæрста 6 азы размæ. Ныртæккæ у Беслæны поликлиникæйы терапевт. Йæ участокыл ис 2 мин адæймагæй фылдæр. Кристинæ нысан кæны йæ квалификаци аивын.  Йæ дыууæ аздзыд фырт Амырхан æй æппындæр нæ бахъыгдардта, карьерæйы боны бацархацыны.

Конференцитæ аразæн залы æрæмбырд сты 500 экспертæй фылдæр. Сты Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар федералон зылды æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйы минæвæрттæ. Се ппæты зонгæ кодтой технологон ногдзинæдтимæ. Наниты Аскер фыццаг аз нæ цæттæ кæны Горæтгæрон районы рынчындоны кадрты резерв. Карьерæйыл хъуыды кæнын дæсныйады æргон минæвæртты хъæуы рагацау. Уыимæ ма сын ныртæккæ ис æгæрон авналæнтæ.

Куыстдæтджыты хсæн уыд Минводы республикон рынчындон дæр. Ныртæккæ сæ хъæуынц реаниматологтæ, офтальмологтæ, педиатртæ æмæ терапевттæ. Рынчындоны разамынд архайы æрыгон специалистты агурыныл.

Стендтыл фыст сты уæгъд куысты бынæттæ. Рауагъдонтæ æмæ ординатортæ зонгæ кæнынц паддзахадон æмæ хи медицинон организациты гæнæнтимæ.

Профориентацийы залы ныхас цыд фæллойадон кодексыл æмæ йæ хицæндзинæдтыл. 3 мины æмæ 500 сæдæ медикæй фылдæр ацы аз баххæст кæндзысты профилон специалистты рæнхъытæ.

Ацы аз Цæгат Ирыстоны медицинон академи фыццаг хатт специалистты рауадзынмæ цæттæ у, англисаг æвзагыл чи ацыд ахуырад, ахæм фæсивæды. 70 фæсарæйнаг студентæн бакуыстой сæрмагонд курсыл. Æппæт фадæттæ сын арæзт æрцыдысты наукон библиотекæйы дæр.

Академийы хъæздыг наукон бындур æмæ историон традицитæ хорз зонгæ сты нæ бæстæйы алы рæтты. Карьерæйы бонтæ хуымæтæджы арæзт нæ фæцæуынц фæлварæнты æмæ дипломтæ раттыны мадзалы размæ. Бирæтæн баххуыс вæййынц фæлтæрдзинад райсынæн æмæ куысты бынат ссарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania