филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:49 среда, 01 мая 2024
11 июля 2023, 11:35
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кадджын уавæры радтой 99 сырх дипломы

Хуыздæр рауагъдонæтæн арфæ ракодтой университеты президент Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ ректор Огъуаты Алан

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кадджын уавæры радтой 99 сырх дипломы. Хуыздæр рауагъдонæтæн арфæ ракодтой университеты президент Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ ректор Огъуаты Алан. Ацы аз рауагъдонтæ уыдысты мин 2 сæдæйы бæрц. Сырх диплом радтынц 5 азы дæргъы иттæг хорз бæрæггæнæнтыл чи ахуыр кодта, уыцы студенттæ. Ахуыргæнæджы æмæ хъомылгæнæджы афæдз нымайгæйæ, Огъуаты Алан фæнысан кодта скъолатæм чи ацæудзæн кусынмæ, уыцы фæсивæды. Ахуыргæнæджы дæсныйады кад бæрзонддæр кæнынæн, ныртæккæ хъæуынц æрыгон специалисттæ. Уымæ гæсгæ сыл ис уæлдай бæрнондзинад, æмæ сын хъæуы æххуыс кæнын дæр. Уыцы рæстæг та уал ЦИПУ-йы дарддæр цæуы гæххæттытæ исыны кампани. Ацы аз бюджетон бынæттæм сæ бон бацæуын у 862 адæймагæн. Фæзынди дзы ног дæсныйæдтæ дæр, зæгъæм, «Театралон педагогикæ», стæй «Се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæн психологон-педагогон æххуыс».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania