Документ бафыстой закъондæттæн оргæнты разамонджытæ – Тускъаты Таймураз æмæ Александр Бельский
Цæгат Ирыстоны Парламент æмгуыстады бадзырд бафыста Санкт-Петербурджы закъондæттæн æмбырдимæ. Санкт-Петербурджы Мариинаг галуаны документ бафыстой закъондæттæн оргæнты разамонджытæ – Тускъаты Таймураз æмæ Александр Бельский. Бадзырды нысан у, хъуыддаджы æмæ хæлар бастдзинæдтæ фæфидардæр кæнын, æмæ æмгуыстады процесс хуыздæр кæныны фарстаты фæдыл тыхтæ баиу кæнын. Парламентты *хсæн диалогмæ гæсгæ кæндзысты иумæйаг семинартæ, конференцитæ, фембæлдтытæ, арæзт цæудзысты кусæг æмæ экспертон къордтæ, стæй æмгуыстады къабæзтæм гæсгæ къамистæ. Иу ахсджиаг хъуыддаг ма у, Цæгат Ирыстоны æмæ Санкт-Петербурджы æргом здахын социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы фарстатæм æркæсынмæ.