филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:10 вторник, 03 ноября 2026
01 августа 2022, 11:19
Цæгат Ирыстоны профцæдисты федерацийы, республикæйы куыстдæтджыты иугонды æмæ хицауады хсæн фыст æрцыди æртæвæрсыг бадзырд

Йæ тыхы уыдзæни 2023-æм азмæ

Цæгат Ирыстоны профцæдисты федерацийы, республикæйы куыстдæтджыты иугонды æмæ хицауады хсæн фыст æрцыди æртæвæрсыг бадзырд. Йæ тыхы уыдзæни 2023-æм азмæ. Æртæвæрсыг къамисы ныхас цыди социалон-фæллойадон ахастдзинæдтæ нывыл кæныны фарстатыл. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг цы хæстæ дæтты, уыдоны сæйрагдæрты хсæн фæллойады уавæртæ æмбæлгæ уагыл æххæст кæнын, кусджыты бартæ хъахъхъæнын, цы куысты бынæттæ сæм ис, уыдон бахъахъхъæнын æмæ ног куысты бынæттæ гом кæнын, стæй кусджтыты дæсныйадыл æфтауын. Ам кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиаг у æнгом æмгуыстад. Уымæй уæлдай, гæнæн ис социалон-экономикон политикæйы къабазы архайд фæхуыздæр кæнын дæр, æмæ афтæмæй фæллойадон базарад райрæзын кæнын, загъта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Æмбырды ма фæнысан кодтой, фæллойы, промышленносты æмæ экологон хъахъхъæнынады уавæртæ фæахадгæдæр кæныны мадзæлттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania