филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 суббота, 04 мая 2024
25 апреля 2024, 11:44
Цæгат Ирыстоны прокуратурæмæ балæвæрдтой 43 æркæсинаг хъуыддаджы

Æппæтæй фылдæр закъонхæлдтытæ дзы разынди Дзæуджыхъæуы

Цæгат Ирыстоны прокуратурæмæ балæвæрдтой 43 æркæсинаг хъуыддаджы. Æппæтæй фылдæр закъонхæлдтытæ дзы разынди Дзæуджыхъæуы. Ахæм бæрæггæнæнтæ брифинджы рæстæг фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сæйраг фарста – зæххы хæйттæ дæттыны закъон, растдæр зæгъгæйæ та æнæзакон.  Ацы хъуыддаг бæстонæй иртасын райдыдтой январы. Республикæйы сæргълæууæг уавæрæй разы нæу. Бадомдта, цæмæй фарстамæ æркæсой ногæй, уымæн æмæ дзы сæвзæрд бирæ æнæзакъон митæ. Сергей Меняйло журналисттæн радзырдта, прокуратурæмæ цы курдиæттæ æрбацыди, уыдонæй иу баст уыди Уæлахизы парчы фæзуатыл  2 мин квадратон метры зæххы хайы тыххæй. 2014-æм азы зæххы хай лæвæрд æрцыди хицæн адæймаджы исбонмæ. Ныртæккæ республикæ архайы, зæхх радтыны хъуыддаг цæмæй æнæзакъоныл нымад æрцæуа, ууыл.

Ныхас цыди Дендрарийыл дæр. Ныридæгæн хаст æрцыди уынаффæ, парчы территори Дзæуджыхъæуы бæрны радтын. Афтæмæй горæтæн йæ бон уыдзæни парчы уавæрмæ цæстдарын. Брифинджы æрдзырдтой, Дзуарыхъæуы цы уавæр сæвзæрд, ууыл дæр. Уым  2013-æм æмæ 2014-æм азты æнæзакъонæй хи исбонмæ лæвæрд æрцыди 303 зæххы хайы. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ацы территоритæ хауынц Цъæйы фæдзæхст бынатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania