филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 пятница, 03 мая 2024
18 января 2024, 12:16
Цæгат Ирыстоны промышленносты райрæзты фонды куысты къабæзтыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Цæгат Ирыстоны промышленносты райрæзты фонды куысты къабæзтыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Фонд кусын райдыдта 2022-æм азы. Абон йæ капитализаци у 330 милуан сомæй фылдæр. 8 куыстуатæн æфстау радтой 260 милуан сомы бæрц. Сæ архайды модернизацийæн æххуыс райстой хъæддзаума цæттæ кæныны, згъæркусæн, дуры куыстгæнæн, бетон æмæ æфсæнбетон дзауматæ цæттæ кæныны, стæй холлаг микробиологон урсæг æмæ холлаг витаминтæ цæттæ кæныны куыстуæттæ. 2024-æм азы фонды фæрæзтæ фæфылдæр уыдзысты 180 милуан сомæн. Дзанайты Барис загъта, абон кæй ис амалхъомдзинадæн æххуысы алы хуызтæ æмæ кæй хъæуы фæтыхджындæр кæнын, бизнесы минæвæрттæн цавæр паддзахадон æххуысы гæнæнтæ ис, уый тыххæй информаци дæттыны куыст. Промышленнон куыстуæтты разамонджытæ радзырдтой, сæ архайд фæуæрæхдæр кæныны нысанты тыххæй республикон фонды гæнæнтæй пайдагæнгæйæ. Премьер профилон министрадæн бабар кодта, амалхъомдзинадæн æххуысы программæтæ фæпарахатдæр кæныны фадæттæм æркæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania