01 февраля 2023, 11:45
Цæгат Ирыстоны пысылмæтты управленийы скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азы архайдæн
2022-æм азы сарæзтой, социалон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм 250 мадзалы
Цæгат Ирыстоны пысылмæтты управленийы скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азы архайдæн. 2022-æм азы сарæзтой, социалон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм 250 мадзалы. Се *хсæн традицион æмбырдтæ, волонтерон акцитæ, фæкæсынхъуаг бинонтæн æмæ пенсиисджытæн æххуыс. Арæзт цыдысты фæсивæдон спортивон турниртæ дæр. Советы уæрæхгонд æмбырды сфидар кодтой ацы азы куысты пълан. Мадзалы архайдтой республикæйы хицауадон оргæнты, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ