филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:46 четверг, 02 мая 2024
21 сентября 2023, 12:28
Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон проект «Иу мин æрыгон футболисты»

Æххæст æй кæнынц корпораци ВЭБ.РФ æмæ футболон клуб ЦСК æмæ футболы спортивон скъола «Юность»

Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон проект «Иу мин æрыгон футболисты». Æххæст æй кæнынц корпораци ВЭБ.РФ æмæ футболон клуб ЦСК æмæ футболы спортивон скъола «Юность». Проект кадджын уавæры байгом футболон клуб «Юность»-ы. Бæстæйы алы къуымтæй æрæмбырд сты 5 азæй 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Æвзарæн туртæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ æндæр мадзæлттæ цæудзысты æртæ боны. Хатдзæгтæм гæсгæ, хуыздæртæн уыдзæни ЦСК йы спортивон скъоламæ бахауын, матчмæ хуынды гæххæт райсын æмæ кæй æмвæзадмæ тырнынц, уыцы футболисттимæ иу фæзмæ рацæуыны фадат. Мадзал æххæстгонд цæуы республикæйы разамонæг Сергей Меняйлойы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы æххуысæй. Бафиппайдзыстæм ма уый дæр, æмæ проекты сæйраг нысан у, æнæниз цардыуаг парахат кæнын, сывæллæтты спортмæ æмхиц кæнын, стæй тренерты æмвæзадыл кусын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania