10 марта 2023, 10:57
Цæгат Ирыстоны райдыдта скъолаты спортивон клубты Æппæтуæрæсеон спортивон хъæзтыты республикон къæпхæн
Æдæппæтæй ерысты архайынц 6 командæйы
Цæгат Ирыстоны райдыдта скъолаты спортивон клубты Æппæтуæрæсеон спортивон хъæзтыты республикон къæпхæн. Æдæппæтæй ерысты архайынц 6 командæйы. Сты регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ. Лæппут æмæ чызджытæ ерыс кæнынц цалдæр дисциплинæйы. Уыдоны хсæн: дæргъмæ гæпп кæнын, 60 метры дугъы уайын, пурти æппарын, баскетбол, шахмæттæ æмæ иннæтæ. Сæ зонындзинæдтæ скъоладзаутæ æвдисдзысты 4 боны. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, хуыздæр командæ ацæудзæн Анапæмæ, æмæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн æппæтуæрæсеон къæпхæны. Спортивон хъæзтыты архайджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ.
темæмæ гæсгæ