филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:51 пятница, 03 мая 2024
20 марта 2024, 11:25
Цæгат Ирыстоны райдыдта зынгсирвæзтытæй тæссаг сезон

Ивгъуыд аз республикæйы уыд 600 æрдзон зынгсирвæзты бæрц

Цæгат Ирыстоны райдыдта зынгсирвæзтытæй тæссаг сезон. Ивгъуыд аз республикæйы уыд 600 æрдзон зынгсирвæзты бæрц. Æрвылаз сæвзæрынц, адæм хус кæрдæг кæй фæсудзынц, уый аххосæй.  Уый тыххæй æмбæлы административон ивар. Афæдзы райдианæй ахæм закъонхæлдтыты тыххæй æфхæрд баййæфтой 92 адæймаджы. Зынгсирвæзтытæ не руадзыны тыххæй цавæр профилактикон мадзæлттæ арæзт цæуынц, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Зынгсирвæзтытæй тæссаг сезон райдайы уалдзæджы æрбацыдимæ. Тæссагдæр зонæтыл нымад сты хъæды хæдзарадтæм хæстæг территоритæ. Горæтгæрон районы хъæды хæдзарады территориалон хайады сæйраг специалист-эксперт Тыбылты Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй фарон уæззау цаутæ нæ уыд, се ппæт чысыл зынгсирвæзтытæ та бантыст ахуыссын кæнын, цалынмæ нæ апарахат сты, уæдмæ.

Зынгсирвæзтытæй тæссаг сезонимæ райдайынц профилактикон мадзæлттæ дæр. Уыдонмæ хауынц – адæммæ информаци хæццæ кæнын, хъæды хæдзарадмæ хæстæг территоритыл æрзылд, стæй мæрыл бакуыст минералон цъары онг – уый хъæуы, цæмæй хус кæрдæг куы ссудза, уæд арт хъæдмæ ма рахиза.

Æдæппæтæй Горæтгæрон районы ис 5 хъæды хæдзарады æмæ алкæцыйы дæр ис 10 минерализацигонд рæнхъæй фылдæр. Хъæуы сæ ног кæнын алы аз дæр. Тыбылты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, зынгсирвæзтытæ арæхдæр вæййынц адæймаджы аххосæй. Ам бæрзонд уымæлад ис, æмæ хус кæрдæг йæхæдæг хуымæтæджы не ссуддзæн.

Зынгсирвæзтытæй тæссаг сезоны профилактикон мадзæлтты фæархайынц алыхуызон ведомствæтæ. Сæ хыгъды – районы æмæ хъæуты администрациты специалисттæ дæр. Адæмæн хъусын кæнынц, куыд ахсджиаг у фæлладуадзæн рæстæг къæрцхъус уæвын, æмæ зынгтæ æнæхуыссыдæй ма уадзын.

Цæгат Ирыстоны зынгсирвæзтытæй тæссаг сезон ахæссы уалдзæгæй фæззæджы кæронмæ. Уыцы рæстæг ахсджиаг у, хъæды зонæтæм цæст дарын æмæ зыснгсирвæзт куы уа, уæд æй апарахат уæвын ма бауадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania