филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:34 пятница, 17 мая 2024
04 марта 2021, 11:38
Цæгат Ирыстоны сæ тæмæны сты сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампанимæ цæттæгæнæн мадзæлттæ

Цы хуызы æмæ куыд ацæудзæнис, уый тыххæй дзыдтой республикæйы хицауады раз ведомствæты хсæн къамисы æмбырды

Цæгат Ирыстоны сæ тæмæны сты сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампанимæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Цы хуызы æмæ куыд ацæудзæнис, уый тыххæй дзыдтой республикæйы хицауады раз ведомствæты хсæн къамисы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Азымты Иринæ. Фæллойы æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Мамайты Анжелæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз хъуамæ сæ фæллад суадзой 9 мин сывæллоны. Бацæттæ сын кæндзысты 125 бынаты. Фыццаградон æргом аздахдзысты, царды зын уавæры чи бахауд, уыцы бинонты сывæллæттæм. Сараздзысты сын уæлæмхасæн социалон мадзæлттæ. Нæ республикæйы аивæдты лицейы 30 сывæллонæн сараздзысты сфæлдыстадон сменæ, Тæмисчъы кусдзысты инклюзивон сменæтæ реабилтацийы мадзæлттимæ. Иу сменæ сæрмагондæй бацæттæ кæндзысты хъусæй чи нæ хъусы, уыцы сывæллæты интернаты хъомылгæнинæгтæн. Æмбырды рæстæг дзырдтой, фæлладуадзæн объекттæ зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны, сывæллæтты медицинон лæггæдты æмæ дæсны кусджытæ равзарыны фарстатыл. Бафиппаинаг у уый дæр, æмæ сæрдыгон фæлладуадзæн кампани райдайдзæнис, æрмæстдæр эпидемиологон уавæр куы схорз уа, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania