филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:55 вторник, 07 мая 2024
17 марта 2022, 13:59
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы приз рамбулыны турниры районты къæпхæн райдайдзæн ацы мæй

Апрелы та уыдзæн иумæйаг республикон къæпхæн

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы приз рамбулыны турниры районты къæпхæн райдайдзæн ацы мæй. Апрелы та уыдзæн иумæйаг республикон къæпхæн. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæджы Уынаффæгæнæг дзыллон футболы рæзты фарстаты фæдыл Гæззаты Юрий. Турниры архайыны тыххæй курдиаттæ балæвæрдтой 100 скъолайæ фылдæр. Финалон хаймæ хаст æрцæудзысты 8 командæйы районтæй æмæ 4 – Дзæуджыхъæуæй.  Ерысты архайдзысты 7 азæй 13 азы онг скъоладзаутæ. Æппæт командæтæ сифтонг кæндзысты сæрмагонд уæлæдарæсæй æмæ футболон пуртитæй. Турниры сæйраг нысан у сывæллæтты ргом спортмæ здахын, стæй ма сæрмагондæй футболы скъолатæн селекцион куыст бакæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania