филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 воскресенье, 05 мая 2024
21 июня 2019, 15:25
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн уыд радон фембæлд Кировы районы цæрджытимæ

Ацы хатт æргом æмæ бæстон ныхас кодта Кæрдзыны æмæ Даргъ-Къохы цæрæг адæмимæ.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн уыд радон фембæлд Кировы районы цæрджытимæ. Ацы хатт æргом æмæ бæстон ныхас кодта Кæрдзыны æмæ Даргъ-Къохы цæрæг адæмимæ. Сæ лыггæнинаг фарстатæ чысыл нæ разындысты: нуазыны дон, æгуыст адæм, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад. Бирæ хъуыддæгтæ алыг кæнынæй республикæйы разамонæг зæрдæ бавæрдта.
Кæрдзыныхъæуы клубы рагæй нæ уыд афтæ бирæ адæм. Республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлдмæ æрбацыдысты Кировы районы Кæрдзыны æмæ Даргъ-Къохы цæрджытæ. Битарты Вячеслав, фыццаджыдæр, йе ргом аздæхта культурæйы артдзæсты уавæрмæ, растдæр та ма дзы мынæгæй культурæйы ном цы бæстыхай хæссы, уымæ. 90-æм азты йæ рацарæзтæн радих кодтой фæрæзтæ, фæлæ чысыл рæстæгмæ цалцæггæнæн куыстытæ урæд æрцыдысты. Уый тыххæй дзырдтой хъæуы цæрджытæ дæр. Сывæллæттæ сты курдиатджын, фæлæ сæ курдиат кæм райхалой æмæ равдисой, уый сын нæй. Кæрдзыны цæрæг Моргуаты Эдиславы курдиат дæр уыд, цæмæй хъæуы 190 азы фæдыл мадзæлттæ ирдæй ацæуой культурæйы хæдзары.
Республикæйы сæргълæууæгæн радзырдтой, дыууæ хъæуы дæр кæй нæ фаг кæны дон, уæлдайдæр та сæрды, уæвгæ зымæджы дæр æмбæлынц къуылымпыдзинæдтыл.
Даргъ-Къохы скъолайы директорæн та йæ зæрдæ риссы се скъолайыл, ам хуымæтæг цалцæгæй фарста нæ алыг кæндзынæ. Хъæуы дзы ног скъола саразын. Куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ кусынц проектон документтыл.
Кæрдзыны цæрæг Дауиаты Зæлинæ та радзырдта, хъæутæм æрыгон специалисттæ кæй нæ цæуынц кусынмæ, нæ фаг кæнынц ахуыргæнджытæ дæр, йæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæн йæ аххосаг у ныллæг мызд.
Сидахъаты Хатунæйы курдиат та лыггонд æрцыд фембæлды рæстæг. Куыд радзырдта, афтæмæй фæстаг автобус Кæрдзынмæ цæуы изæры 16 сахатыл. Æмæ изæры 8 сахатмæ чи кусы, уыдонæн зын вæййы.
Даргъ-Къохы цæрджыты та тыхсæн кæны, сæ хъæуы астæуты федералон трассæ кæй цæуы, уый. Арæх дзы æрцæуынц дзы фæндаггон фыдбылызтæ дæр. Сывæллæтты нæ рауадздзынæ, уымæ гæсгæ хъæуы иувæрсты цæуæг фæндаг саразын. Республикæйы сæргълæууæг загъта, уавæр ын зонгæ у. Дзæуджыхъæуыл дæр цæуы федералон фæндаг, æмæ фарста лыг кæнын хъæуы къæпхæнгай.
Бирæ фарстатыл цыд ныхас. Социалон къабаз, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, æгуыст адæм. Кæрдзыны цæрджыты курдиат уыд, хъæуы афтек байгом кæнынимæ дæр. Фембæлды кæронбæттæн дæр ма адæм республикæйы хицауадмæ бацыдысты хи курдиæттимæ. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, алы фарстамæ дæр йе ргом кæй аздахдзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania