филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 понедельник, 02 ноября 2026
17 октября 2026, 10:30
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фембæлд Джызæлы хистæрты къордимæ: Калоты Мæирбегимæ, Голиаты Мухтар-Бегимæ æмæ Кочынаты Владимиримæ

Фæндыди сæ республикæйы разамындæн фехъусын кæнын сæ хъæуы æдасдзинады æмæ хъæуы территорийы аивдзинады тыххæй

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фембæлд Джызæлы хистæрты къордимæ: Калоты Мæирбегимæ, Голиаты Мухтар-Бегимæ æмæ Кочынаты Владимиримæ. Фæндыди сæ республикæйы разамындæн фехъусын кæнын сæ хъæуы æдасдзинады æмæ хъæуы территорийы аивдзинады тыххæй. Пролетарскийы уынджы уавæр къуырцъдзæвæнмæ æрцыд. Уынг — нарæг, фæлæ йыл æппынæдзухдæр цæуы уæзласæн транспорт. Уыимæ ацы уаццаджы ис социалон объекттæ: дыууæ скъолайы, сывæллæтты рæвдауæндон, культурæйы хæдзар æмæ посты хайад. Сывæллæттæ бирæ кæм ис, уым хъуамæ стыр машинæтæ афтæ арæх ма цæуой, — загътой хистæртæ. Сергей Меняйло фæндæгты хæдзарады Комитетæн æмæ районы разамындæн бабар кодта транзитон транспорты маршрутыл бакусын, цæмæй хъæуы фæндагыл ахæм уаргъ ма цæуа, уый тыххæй. Уыимæ сæвæрын хъæуы видеокамерæтæ æмæ автобусты æрлæууæн æндæр ранмæ рахæссын. Цыбыр æмгъуыдмæ хъæуы бæлвырд мадзæлттыл бакусын, — бахах кодта регионы разамонæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania