Сæ лыггæнинаг фарстатимæ йæм æрбацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хæстæджытæ
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Сæ лыггæнинаг фарстатимæ йæм æрбацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хæстæджытæ. Бакусинаг сты цалдæр ахсджиаг хъуыддаджы. Зæгъæм, æфсæддонты бинонты тыхсын кæнынц хæстонты службæйы бынат, стæй хи фарстатæ лыг кæныны уавæртæ. Бæстон ныхасы архайдта регионы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Биасты Игорь. Æфсæддонты бинонтæн Цæгат Ирыстоны цæуы алывæрсыг æххуыс. Республикæйы разамындæн раздæрау у ахсджиагдæр къабæзтæй иу. Сергей Меняйло алкæмæн дæр радта бæстон дзуапп, æмæ зæрдæ бавæрдта, алы хъуыддагмæ дæр бæлвырд цæстдард кæй цæудзæн, уымæй.




