филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:11 понедельник, 20 мая 2024
22 апреля 2021, 13:39
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой Андиаты Сосланы райгуырды бон

Хъуыстгонд спортсмены кадæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты командон ерыстæ олимпаг резервы скъолайы хъомылгæнинæгты хсæн

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион, дунейы 4 хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Андиаты Сосланы райгуырды бон. Зындгонд ирыстойнаг богалы райгуырдыл сæххæст 69 азы. Хъуыстгонд спортсмены кадæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты командон ерыстæ олимпаг резервы скъолайы хъомылгæнинæгты хсæн. Гауызмæ рацыдысты 2009-æм æмæ 2010-æм азты гуырд лæппутæ. Республикæйы спорты министр Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ацы ерыс уæлахиздзауы ном райсыны тыххæй не сты. Спортивон мадзалы нысан у – рæзгæ фæлтæрæн ерысхъомдзинады æнкъарæнтæ бавзарын кæнын, сæ тыхтæ бафæлварын, фæлæ сæйрагдæр та – нæ зындгонд спортсмены ном æрымысын, æмæ дзы дæнцæг исын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Андиаты Сослан йæ цардæй ахицæн 2018-æм азы. Йæ царды дæнцæгæй та хъæбысхæсты хуызтæ бауарзын кодта сæдæгай лæппутæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania