филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:45 вторник, 03 ноября 2026
28 марта 2026, 10:20
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой барадхъахъхъæнæг æфсæдты 215 азы æмæ Уæрæсейы национ гвардийы федералон службæйы 10 азы бон

Кадджын мадзалы архайдтой хицаудзинады оргæнты, тыхы структурæты, Уæрæсейы гвардийы минæвæрттæ, службæйы ветерантæ

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой барадхъахъхъæнæг æфсæдты 215 азы æмæ Уæрæсейы национ гвардийы федералон службæйы 10 азы бон. Кадджын мадзалы архайдтой хицаудзинады оргæнты, тыхы структурæты, Уæрæсейы гвардийы минæвæрттæ, службæйы ветерантæ. Бæрæгбоны арфæтæ сын ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уæрæсейы Президенты указмæ гæсгæ, 4 æфсæддоны хорзæхгонд æрцыдысты Жуковы номыл майдантæй. Уымæй уæлдай, 4 адæймаджы систы республикæйы кады гæххæттыты аккаг. Цалдæрæн радтой æфсæддон цинтæ, цалдæрæн та — ведомствæты хæрзиуджытæ. Мадзалы программæйы — бæрæгбоны концерт. Уазджыты зæрдæтæ барухс кодтой республикæйы сфæлдыстадон къордтæ. Стæй сын бацæттæ кодтой хæцæнгарзы æмæ æфсæддон уæлæдарæсы равдыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania