15 марта 2022, 12:24
Цæгат Ирыстоны сбæрæг сты хуыздæр каратисттæ
160 æвзонг спортсмены ерыс кодтой хуыздæры ном райсыныл
Цæгат Ирыстоны сбæрæг сты хуыздæр каратисттæ. Чызджыты æмæ лæппуты хсæн ерыстæ арæзт æрцыдысты тхеквондойы спорты галуаны. 160 æвзонг спортсмены ерыс кодтой хуыздæры ном райсыныл. Сæ кармæ гæсгæ уыдысты 6 азæй 17 азы онг кæуыл цыд, ахæмтæ. Каратисттæ ерыс кодтой 15 уæзы категорийы. Республикæйы ерыстæ сты уæлдæр къæпхæны архайыны бар дæтгæйæ. Йæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ республикæйы кад хъахъхъæндзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Тренерты ныхæстæм гæсгæ, цæттæдзинады æмвæзад азæй азмæ кæй рæзы, уымæ гæсгæ ацы спорты хуызмæ фылдæр фæсивæд здахы се ргом.
темæмæ гæсгæ