филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:40 четверг, 21 ноября 2024
16 ноября 2022, 11:37
Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты арæзт æрцыд Сæлбиты Тамиры чиныджы презентац

Чиныг баст у историк æмæ ахуыргонд Уарзиаты Вилены номарынимæ

Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты арæзт æрцыд Сæлбиты Тамиры чиныджы презентаци. «Ушел собирать этнографический материал». Чиныг баст у историк æмæ ахуыргонд Уарзиаты Вилены номарынимæ. Зындгонд ирыстойнаг этнолог,  историон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профессор ма у 100 наукон куыстæй фылдæры автор. Се хсæн – ирон адæмы бæрæгбæтты æмæ культурæйы тыххæй бындурон иртæстытæ. Уæлдай æргом ма здæхта Кавказы адæмтимæ бастдзинадмæ. 1995-æм азы йын саккаг кодтой Уæрæсейы наукæты Академийы стипенди. Ацы аз Уарзиаты Виленыл хъуамæ сæххæст уыдаид 70 азы. Чиныг рухс федта рауагъдад Проект-прессы. Йæ тираж у 300 экземпляры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania