филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:43 четверг, 16 мая 2024
17 января 2023, 11:39
Цæгат Ирыстоны сывæллæтты спортивон скъола сси Æппæтуæрæсеон конкурсы лауреат

Спортивон ахуыргæнæндоны алывæрсыг куыстæн бæстон аргъ кодтой фæстаг дыууæ азмæ

Цæгат Ирыстоны сывæллæтты спортивон скъола сси Æппæтуæрæсеон конкурсы лауреат. Спортивон ахуыргæнæндоны алывæрсыг куыстæн бæстон аргъ кодтой фæстаг дыууæ азмæ. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ, республикон скъола бацахста дыккаг бынат. Конкурс саразыныл бакуыстой Уæрæсейы рухстауынады Министрад æмæ спортивон хъомылады Федералон центр. Скъолайы кусджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Ахуыргæнæндоны директорæн кадджын уавæры радта диплом æмæ кубок. Министр ма бабæрæг кодта æвзонг хъæбысхæцджыты зал, æмæ базонгæ спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania