филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:38 вторник, 03 ноября 2026
05 августа 2026, 10:33
Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы райдыдтой ирвæзынгæнджытæ цæттæ кæныны æмбырдтæ

Ацы аз дыккаг хатт цæуынц æппæтадæмон форматы — уæрæсеаг специалисттимæ сæ цæттæдзинадыл æфтауы  Беларусийы командæйы уæнгтæ

Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы райдыдтой ирвæзынгæнджытæ цæттæ кæныны æмбырдтæ. Ацы аз дыккаг хатт цæуынц æппæтадæмон форматы — уæрæсеаг специалисттимæ сæ цæттæдзинадыл æфтауы  Беларусийы командæйы уæнгтæ. Ам, хæхбæсты æртæ къуыримæ сæ квалификаци фæуæлдæр кæндзысты 30 адæймаджы. Æнæнхъæлæджы цауты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй, альпинистон цæттæдзинад райсынæн Цъæйы ком у уникалон. Хъæугæ зонындзинæдтæ дзы райсдзысты куыд райдайгæ ирвæзынгæнджытæ, афтæ фæлтæрдджын специалисттæ дæр. Уазджыты командæ ацы æмбырдты архайы дыккаг хатт. Фарон ацыдысты фыццаг къæпхæны ахуыртæ æмæ райстой альпинизмы 3-аг разряд. Ирвæзынгæнджытæн Цъæйы ком  хæххон уавæрты ахуырты сæйраг фæз сси ныр 4-æм хатт. Æртæ къуырийы дæргъы архайджытæ зонгæ кæндзысты сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ, æмæ хуыздæр кæндзысты альпинизмæй сæ зонындзинæдтæ. Æмбырдты программæйы фæлгæты — теоретикон ахуыртæ æмæ практикон тренировкæтæ. Сæ инструктортæ сты Хуссар æмæ Цæгат-Кавказы федералон зылдты фæлтæрдджын специалисттæ. Ацы цæттæдзинад æнæмæнг у хæххон уавæрты æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania