25 марта 2022, 12:40
Цæгат Ирыстоны цæуынц 2008-æм 2009-æм азты гуырд чызджыты æмæ лæппуты хсæн ерыстæ самбойæ
Хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты, Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты чи архайдзæн, уыцы командæйы уæнгтæ
Цæгат Ирыстоны цæуынц 2008-æм 2009-æм азты гуырд чызджыты æмæ лæппуты хсæн ерыстæ самбойæ. Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы республикон турнир сæмбырд кодта Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы алы скъолатæй 100 спортсмены. Ерыстæ цæуынц федералон проекты фæлгæты. Хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты, Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты чи архайдзæн, уыцы командæйы уæнгтæ. Уыдон сæ арæхстдзинад равдисдзысты Налцыччы 6-æм апрелæй 10-æм апрелы онг.
темæмæ гæсгæ