филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:09 воскресенье, 19 мая 2024
28 ноября 2023, 12:17
Цæгат Ирыстоны цы тыхджын дымгæтæ уыди, уыдоны аххосæй знон бирæ адæм баззадысты æнæ рухс æмæ хъарм донæй, æрдзон фыдбылыз афæлдæхта бæлæстæ

Дзæуджыхъæуы фæстиуджытæ иуварс кодтой æвæстиатæй

Цæгат Ирыстоны цы тыхджын дымгæтæ уыди, уыдоны аххосæй знон бирæ адæм баззадысты æнæ рухс æмæ хъарм донæй, æрдзон фыдбылыз афæлдæхта бæлæстæ. Дзæуджыхъæуы фæстиуджытæ иуварс кодтой æвæстиатæй. Иуæй-иу тигътыл нæ куыстой светофортæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бирæ рæтты дымгæ ныппырх кодта бæстыхæйтты сæртæ. Ларс, Цми, Редант æмæ Балтайы цæрджытæ баззадысты æнæ электрон тыхæй. Горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй аварион бригадæтæ кусынц куыд æмбæлы, афтæ. Уынгтæ сыгъдæг кодтой æхсæвы дæр. Боныхъæд цы фыдбылызтæ расайдта, уыдон иуварс кæнынмæ раздæхтой 240 адæймаджы ргом, спайда кодтой техникæйы 40 иуæгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania