филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 воскресенье, 19 мая 2024
25 мая 2021, 12:20
Цæгат Ирыстоны уыдысты авиамодельтæ аразыны спортæй республикон ерыстæ

Ацы хатт сæ хал схаудта Алагиры командæйæн

Канд арвмæ стæхын нæ, фæлæ ма дзы цалдæр минуты фæуын. Уый у сæйраг домæн авиамодельтæ аразыны спортæй ерысты. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты цæгатирыстойнаг ерысты алы районтæй лæппутæ æмæ чызджытæ, стæй ма Кæсæг-Балхъарæй уазджытæ равдыстой сæхи модельтæ. Фæсивæдон ерысты тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Полина Полякова арвы бæрзæндтæ сгары хæдтæзджыты фæрцы. Уæрæсейы авиамоделон спорты иугонд командæйы уæнгмæ хæдтæхæджы мотор иттæг хорз хъусы. Цæмæй уæлæрвтæм стæха, уый тыххæй йæм рог æвнæлд йеддæмæ нæ хъæуы. Турниры архайы æппæты зындæр — таймерон — моделимæ.

Ацы ерысты раззагыл дæ цæмæй банымайой, уый тыххæй хъуамæ дæ хæдтæхæг уæлдæфы фæуа æппынфылдæр рæстæг. Алы модель дæр хъуамæ бафæраза æппынкъаддæр æртæ минуты. Ацы турниры ис æртæ хуызы модельтæ — æртæтаймерон, резинæ мотортимæ æмæ планертæ. Уымæй уæлдай кæсынц, хæдтæхæг уæлдæфмæ куыд тагъд æмæ рог стæхы.

Ацы аз ерысты архайынц аст командæйы, уыдонæй дыууæ Кæсæг-Балхъары республикæйæ. Хорз бæрæггæнæнтæ райсынæн сын æххуыс сты куыд сæ модельты техникон миниуджытæ, афтæ боныхъæд дæр. Уыимæ ма алы архайæгмæ дæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ.

Ацы хатт сæ хал схаудта Алагиры командæйæн. Ерысты фондз туры æрæмбырд кодтой æппæты фылдæр баллтæ. Уæлахиздзаутæ ныр райсдзысты сæрмагонд разряд. Ахæм турнирты архайын та хорз фæрæз у, авиамоделон хъуыддаджы дарддæр чи рæздзæн æмæ профилон ахуыргæнæндонмæ чи бацæудзæн, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania