филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:59 вторник, 03 ноября 2026
21 мая 2024, 11:43
Цæгат Ирыстоны уыдысты хæххон дистанцæтыл спортивон туризмæй фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ

Архайджытæ сæ тыхтæ æвзæрстой æрдзон рельефыл

Цæгат Ирыстоны уыдысты хæххон дистанцæтыл спортивон туризмæй фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ. Архайджытæ сæ тыхтæ æвзæрстой æрдзон рельефыл. Йæ зындзинадмæ гæсгæ трассæ хауд 3-аг æмвæзадмæ. Спортсменты хъуыд хæрдмæ схизын, трАверс ацæуын, стæй дЮльфер скæнын. Уый у къуылдымыл цыд æмæ хæххон рельефыл фидаргонд бæндæныл æрхизыны хуыз. Æмтгæй райсгæйæ, дистанцæйы дæргъ уыд 50 метрæй фылдæр. Тæрхонгæнджытæ аргъ кодтой тагъдадæн æмæ техникæйæн. Ерысты архайдта 5 командæйы. Сæ хыгъды – 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Уыдон сты, ацы спорты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, стæй разряд кæмæ ис, ахæм альпинисттæ. Ерыстæ сарæзта Цæгат Ирыстоны спортивон туризмы Федераци. Фæнд кæнынц, республикæйы ацы спорт парахат кæнын, æмæ йын йæ георгафи уæрæхдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania