филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:51 суббота, 04 мая 2024
07 февраля 2024, 11:48
Цæгат Ирыстоны январæй фæстæмæ сбæрæг кодтой фадынæгæй рынчынты 19 цауы

Се ппæт дæр ацы тæссаг хæцгæнизæй вакцинацигонд нæ уыдысты

Цæгат Ирыстоны январæй фæстæмæ сбæрæг кодтой фадынæгæй рынчынты 19 цауы. Се ппæт дæр ацы тæссаг хæцгæнизæй вакцинацигонд нæ уыдысты. Ахæм статистикæ фехъусын кодтой Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы специалисттæ. Ведомствойы ма загътой. фадынæг тынг тæссаг кæй у. уыимæ алкæмæн дæр. уый. Ис æрмæстдæр иунæг гæнæн. дæхи дæр æмæ дæ хæстæджыты дæр бахъахъхъæнынæн – афоныл вакцинаци ацæуын. Вакцинæ дыууæ къæпхæнæй куы скæнай. уæд иммунитет фæфидардæр вæййы 95% онг. – загътой цæстдарæн ведомствойы минæвæрттæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр. æмæ скъолайы фадынæджы цау куы рабæрæг вæййы. уæд специалисттæ архайынц бæлвырд протоколмæ гæсгæ. Скæнынц эпидемиологон иртæст. æмæ йæ хатдзæгтæм гæсгæ  бæлвырд амындзинæдтæ раттынц ахуыргæнæндоны разамонæгæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania