филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:31 суббота, 18 мая 2024
15 июня 2022, 13:20
Цæгат Кавказы æппæт регионтæй 300 спортсмены онг систы уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир «Моздокский ковер»-ы архайджытæ

Лæппутæ ерыс кодтой алы кары къордты 8 азæй 13 азы онг

Цæгат Кавказы æппæт регионтæй 300 спортсмены онг систы уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир «Моздокский ковер»-ы архайджытæ. Лæппутæ ерыс кодтой алы кары къордты 8 азæй 13 азы онг. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, турнир дæр æмæ æвзонг богæлтты цæттæдзинад дæр уыддысты иттæг хорз æмвæзадыл арæзт. Иумæйаг командон хыгъды фыццаг бынат бацахстой цæгатирыстойнаг спортсментæ. Кæддæр ацы турнир уыд тынг парахат. Ныр та йæ сфæлхат кодтой 5 азы фæстæ. Æмæ йæ 2023-æм азы нысан кæнынц спортивон къалиндармæ бахæссын. Афтæмæй фидæны аз Мæздæджы ногæй æрæмбырд уыдзысты тыхджындæр æрыгон сæдæгай богæлттæ. Турнир саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм ерыстæ стыр æвæрæн хæссынц не спортивон фæсивæды фидæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania