филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:53 четверг, 25 апреля 2024
30 ноября 2021, 14:32
Цæгат Кавказы Хæххон металлургон институт ссис, дунеон форум «Нет террору»-йы фысымтæй иу

Ссардтой дзы, Беслæны теракты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ

Дин æмæ барад тероризмы ныхмæ. Цæгат Кавказы Хæххон металлургон институт ссис, дунеон форум «Нет террору»-йы фысымтæй иу. Ссардтой дзы, Беслæны теракты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Сарæзта йæ Пензæйы паддзахадон университет æмæ дины кусджытæ,  Уæрæсейы юристты иугонды æххуысæй. Мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы Епархийы кусджытæ, национ-культурон иугæндты, хицауады оргæнты, наукæ æмæ студентты æхсæнады минæвæрттæ. Форумы архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм мадзалы фæрцы фидардæр кæны Нациты  æмæ конфесситы хсæн иудзинад, стæй рæзынц нырыккон æхсæнады авналæнтæ. Форумы фæлгæты архайджытæ байхъуыстой кибер-æдасдзинады темæйыл лекцитæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania