филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 суббота, 18 мая 2024
22 июля 2021, 13:26
Цæгат Кавказы кæсагдарыны хæдзарады хайады фæрцы цæугæдон Урухмæ уагъд æрцыд балер кæсаджы 14 мин лæппыны

Иу хаттæй иннæмæ ацы акци саразы куыстуат РусГидро

Цæгат Кавказы кæсагдарыны хæдзарады хайады фæрцы цæугæдон Урухмæ уагъд æрцыд балер кæсаджы 14 мин лæппыны. Иу хаттæй иннæмæ ацы акци саразы куыстуат РусГидро. Мадзалы сæйраг нысан у – донуæттæ цæрæгойтæй баххæст кæнын. Сæ куысты рæстæг чи сæфы, уыцы кæсаджы хуызтыл æфтауын – нымайынц сæ хæсыл. Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омары ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæн аргъ нæй. Ахъаз сты фидæны фæлтæртæм æрдзон хъæздыгдзинæдтæ фæхæццæ кæнынæн. Ацы хуызы кæсæгтæ фылдæр кæныныл куыст нæ цæуы, уæд сын фесæфынæй тæссаг у. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania