Мадзал арæзт æрцыд акци «Мои безопасные каникулы» æххæстгæнгæйæ
Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы ахуыргæнинæгтæ бабæрæг кодтой зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн сæрмагонд хайад. Мадзал арæзт æрцыд акци «Мои безопасные каникулы» æххæстгæнгæйæ. Баст у, æнæнхъæлæджы уавæрты министрадыл 35 азы кæй сæххæст, уыимæ. Суворовонтæ федтой зынгхуыссынгæнæн техникæ æмæ ифтонггæрзтæ. Базонгæ сты зынгхуыссынгæнджыты службæйы уавæртимæ. Лæппутæн уыд, сæхи зынгхуыссынгæнæн машинæйы шофыртæй афæлварыны æмæ хуызистытæ скæныны фадат. Экскурсийы рæстæг хайады кусджытæ сывæллæттæн æмæ педагогтæн скодтой инструктаж, бамбарын сын кодтой æдасдзинады сæйраг домæнтæ, æмæ зынгхуыссынгæнæн фæрæзтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый. Ахæм мадзæлттæн ис стыр ахадындзинад. Рæзгæ фæлтæры зонгæ кæнынц зынгхуыссынгæнæджы дæсныйадимæ æмæ æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг хи дарыны æгъдæуттимæ.




