филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:35 пятница, 03 мая 2024
06 декабря 2023, 12:01
Цæгатирыстойнаг æвзонг фигуристкæтæ сæ хъарутæ бавзæрстой радон спортивон турниры

Æртæ боны архайдтой Невинномыскы ерысты, æмæ сын бантыст 4 хæрзиуæджы рамбулын

Цæгатирыстойнаг æвзонг фигуристкæтæ сæ хъарутæ бавзæрстой радон спортивон турниры. Æртæ боны архайдтой Невинномыскы ерысты, æмæ сын бантыст 4 хæрзиуæджы рамбулын. Сызгъæрин майданы хицау сси Алина Бояркина. Бронзæ призертæ та систы Хъантемыраты Инессæ, Теджетты Виктория æмæ Куыдзиаты Сабинæ. Æвзонг уæлахиздзаутимæ фембæлд не сфæлыдстадон къорд, æмæ ныхасы бар нæ уацхæссæг Тъехты Элинæйæн.

Æвзонг чызг Алина Бояркинæйы схонæн ис арæхстджын фигуристкæ. Ацы спорты хуызы архайы 4 азы. Æмæ уыцы рæстæгмæ йæ къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ. Зæгъæм, æрæджы Невынномысскы цы ерыстæ ацыдысты, уыдон дзурынц чызджы  арæхстдзинадыл. Уымæн æмæ дзы Алинæ бацахста фыццаг бынат.

Рæсугъд, фæлæ уыцы иу рæстæг зын спорты хуызмæ чызджыты иуты кæнгæ æрбакодтой, кæцыдæртæ та се мбæлттæм кæсгæйæ сæхæдæг æрбацыдысты. Фæлæ Алинæ уыцы фæндагыл куыд æрлæууыд, уый бынтон цымыдисаг у.

Нæ республикæмæ ерыстæй майдантимæ чи æрæздæхт, уыцы чызджытæй иу у Теджетты Виктория. Цæуы йыл æрмæстдæр 11 азы. Уый дæр, Алинæйы хуызæн ацы спорты хуызмæ æрбацыд 4 азы размæ. Тренировкæтæ фæкæнынц къуыри 6 хатты. Кæй зæгъынц æй хъæуы, æвзонг фигуристкæтæ спорт арæхстджынæй бæттынц ахуыримæ дæр.

Спортсменкæтæ ерыстæм сæхи фæцæттæ кæнынц удуæлдайæ. Сахатгай тренировкæтæ, уыимæ ма скъолайы уроктæ дæр. Чызджытæн уæгъд рæстæг нал вæййы. Фæлæ сæ фæллойы тыххæй сын ерысты хæрзиуджытæ куы раттынц, уæд сæ зындзинæдтæ дæр æрбайрох вæййынц – зæгъынц спортсменкæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, спортсмены æнтыстдзинæдтæ аразгæ сты тренерæй дæр. Козаты Алинæ семæ кусы 2 азы. Æмæ чызджыты хсæн ис, фидæны фидарæй олимпаг чемпион схонæн кæй ис, ахæмтæ дæр – зæгъы тренер.

Чызджытæ ацы спорты хуызы руаджы, зæгъæн ис, æмæ фæархайынц алыхуызон сфæлдыстадон къордты. Уыдон – хореографи, спортивон æмæ сæрмагонд цæттæдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania