филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:49 пятница, 17 мая 2024
28 июля 2022, 11:22
Цæгатирыстойнаг шахматисттæ бацархайдтой шахматон форум «Moscow Open – 2022»-ы

Æвзонг спортсмен Танделаты Арсений дзы бацахста фыццаг бынат

Цæгатирыстойнаг шахматисттæ бацархайдтой шахматон форум «Moscow Open – 2022″-ы. Форум цыд 14 июлæй 20 июльмæ. Æвзонг спортсмен Танделаты Арсений дзы бацахста фыццаг бынат. Кæд фыццаг дыууæ туры йæхи иттæг хорз нæ равдыста, уæддæр уый фæстæ авд матчы 6 хатты фæуæлахиз. Уымæй уæлдай ма фæстаг туры рамбылда Уæрæсейаг чемпион Геннадий Туникы дæр. Гроссмейстеры ныхмæ ахъазыд сицилиаг хъахъхъæнæн системæмæ гæсгæ. Цавæр æнкъарæнтимæ ссыдысты Мæскуыйæ æмæ цы нысæнттæ сæвæрдтой фидæнмæ шахматисттæ, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Шахматты партийы архайд раст цыд, æви нæ, ууыл хъæуы тренеримæ бæстон æрныхас кæнын. Æрмæст куы фæхæрд уай, уæд нæ,  фæлæ ма куы фæуæлахиз уай, уæддæр вæййы рæдыдтытæ æмæ сыл фæхъæуы бакусын. Танделаты Арсенийæн цæмæй фидæны фылдæр æнтыстдзинæдтæ уа, уый тыххæй йæ хъæуы раиртасын, фылдæр цæуыл хъуамæ бакуса, уый. «Москоу Оупен»-ы рæстæг æппынæдзухдæр дзырдта тренеримæ, цæмæй хуыздæр бацæттæ кæна хъæзтытæм, уый тыххæй.

Танделаты Арсений, æппæтадæмон шахматон форум «Moscow Open – 2022″-йы уæлахиздзау: «Фыццаг дыууæ хъазты фæхæрд дæн, фæлæ уый фæстæ мæ тыхтæ сæмбырд кодтон æмæ цыппар хатты рамбылдтон. Фæстагмæ та рамбылдтон тыхджын гроссмейстеры æмæ мæ бон сси хæрзиуæг райсын».

Арсений «Москоу Оупен»-ы, зæгъæн ис, æмæ фидарæй нæ райдыдта. Фыццаг дыууæ туры фæхæрд, фæлæ уый фæстæ авд матчы 6 хатты фæуæлахиз. Уый руаджы бацахста фыццаг бынат рейтинг 1900 æмæ уымæй дæлдæр рейтинг цы спортсментæн уыд, уыдоны хсæн. Фæстаг туры æрыгон шахматист рамбылдта Уæрæсейы чемпион Геннадий Туникы дæр ма. Æмæ йын йæ къухы бафтыд нысангонд тактикæмæ гæсгæ. Гроссмейстеры ныхмæ ахъазыд сицилиаг хъахъхъæнæн системæмæ гæсгæ.

Арсений шахматтыл йæ цæст æрæвæрдта 3 аздзыдæй. Хъазт ын цымыдисаг уыд, фæйнæджы цур йе фсымæрты æмæ йæ хойы куы федта, уæд. 7 аздзыдæй секцимæ бацыд сывæллæтты сфæлдыстады галуанмæ. Уым тренер Игорь Хрипков уайтагъд раиртæста æвзонг лæппуйы курдиат æмæ йыл кусын райдыдта. Ныр Арсений уыцы- иу рæстæг тренировкæтæ кæны Дреты Алексеимæ. Уыцы æмгуысты руаджы размæ кæндзæн æнтыстджын къахдзæфтæ.

Едзиты Владимир, РЦИ-Аланийы шахмæтты федерацийы æххæстгæнаг директор: «Хъазты мидæг равдыста, зондджын шахматист кæй у, уый. Нæ фæсивæд æм куы бакæсой, уæд, æвæцæгæн, шахмæттæй чи хъазы, уыцы фæсивæд фæфылдæр уыдзысты».

Бæрзонд æмвæзадыл уæлахиз æрыгон шахматисты бауадзы ныфс æмæ йын æххуыс кæны рейтингы уæлæмæ схизынæн. Мæскуыйы цы æнтыстдзинад равдыста, уый руаджы 200 бынаты фæуæлдæр, фæлæ йе спортивон фæндаг æй фæнды æххæстæй ацæуын. Нырма йын разæй ерыстæ ис Цæгат Кавказы фыццаг бынатыл. Ныридæгæн æм уырдыгæй ис бирæ алыхуызон хæрзиуджытæ. Кусы, цæмæй фидæны суа йе мгæртты хсæн хуыздæр Уæрæсейаг æмвæзадыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania