Командæты хсæн та бацахстой фыццаг бынат
Цæгатирыстойнаг тхеквондисттæ Адыгейы рамбылдтой 23 сызгъæрин майданы. Командæты хсæн та бацахстой фыццаг бынат. Турниры архайдтой 560 спортсмены алы регионтæй. Ныртæккæ та лæппутæ сæхи цæттæ кæнынц Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæм. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.
Кадджын ерысты уæлахиздзаутæй иу Кæсойты Амагæ. Юниоркæ хуыздæр сси 68 килограммæй фылдæр уæзы. Амагæйæн уыди 3 фембæлды. Ныридæгæн ма йæм ис Уæрæсейы ерысты бронзæ майдан. Кæд нырма йæ райдиан къæпхæны лæууы, уæддæр æм размæ æнхъæлмæ кæсынц стыр æнтыстдзинæдтæ.
Амагæимæ иумæ Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хæрзиуджыты къæбиц сызгъæрин майданæй фæхъæздыгдæр кодта Æлборты Артур. Спортсмен хæцыд 45 килограммы онг уæзы. 9 азмæ тхеквондойæ хæцгæйæ, Артур фидарæй æрлæууыд хуыздæрты хсæн.
Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны иугонд командæ рамбылдта 23 сызгъæрины, 7 æвзисты æмæ 21 бронзæ майданы. Афтæмæй командæты хсæн бацахстой 1-аг бынат. Спортсментæ ерыс кодтой 3 кары категорийы. Турниры архайдтой 560 адæймаджы. Ныр цæттæ кæнынц Уæрæсейы ерыстæм 12-14 азы кадетты хсæн.
Не спортсментæн фæллад уадзынæн рæстæг нæй. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсынц Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ конд æрцæудзæн иугонд командæ, Уæрæсейы ерысты архайынмæ.




