филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:05 пятница, 03 мая 2024
13 июня 2023, 11:26
Цъæйы комы сбæрæг кодтой Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Рекомы бæрæгбон

Дзуары бынмæ æрæмбырд сты сæдæгай адæймæгтæ, цæмæй фæхæццæ кæной сæ сыгъдæг хъуыдытæ æмæ куывдтытæ

Адæймаджы уд сыгъдæггæнæн æмæ хуыцауимæ бастдзинад æвдисæг бынат. Цъæйы комы сбæрæг кодтой Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Рекомы бæрæгбон. Дзуары бынмæ æрæмбырд сты сæдæгай адæймæгтæ, цæмæй фæхæццæ кæной сæ сыгъдæг хъуыдытæ æмæ куывдтытæ. Бæрæгбоны тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы бæрæгбоны арфæтæ æмæ куывдтытæ фæхъуысынц Лæгтыдзуары номыл. Традицимæ гæсгæ адæм цыдысты æртыгай кæрдзынтимæ, сыгъдæг хъуыдытимæ æмæ зæрдæйы арфы æвæрд бæллицтимæ.

Касаты Аслæнбег ардæм фыццаг хатт æрбацыд йæ бабаимæ. Уæд ыл 4 азы йеддæмæ нæ цыд. Фæлæ йæ уæдæй нырмæ бахъуыды кодта, куыд ахсджиагæй æмæ бæстонæй хъæуы цæттæ кæнын ацы бæрæгбонмæ. Алы аз дæр вæййы ам. Æрбацæуы скувынмæ стæй бæрæгбонмæ бацæттæ кæнын баххуыс кæнынмæ дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы сыгъдæг ран адæймаг баиу вæййы хуыцауимæ.

Таурæгъмæ гæсгæ Рекомы дзуар фæзынд, Нарты Батразы амæлæты фæстæ, Хуыцауы æртæ цæссыгæй иу кæм æрхауд, уыцы бынаты. Афтæ йын ныртæккæ ис стыр историон-архитектурон нысаниуæг. Цымыдисаг ма уымæй у, æмæ арæзт æрцыд æнæ иунæг зæгæлæй, нæзы бæлæстæй. Нымад у нæлгоймæгты бынатыл, сылгоймæгтæн æм цæуæн нæй.

Хурхæтæны мæйы алы дыккаг сабаты дæр ардæм æрбафтынц сæдæгай ирон адæм. Хуыцауæй фæкурынц æнæниздзинад æмæ аудындзинад. Æрыгон фæлтæрæн та ма хорз фадат вæййы хистæртимæ аныхас кæнынæн, стæй ирон адæмы традицитæ æмæ культурæ хуыздæр базонынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбон саив кæнынц национ зарджытæй дæр.

Бæрæгбоны фынджы уæлхъус æрæмбырд вæййынц кувæг адæм. Се ппæт дæр лæмбынæг фæхъусынц хистæрмæ.

Ам кæддæриддæр хуыцауæй куырдтой сæйрагдæр хорзæхтæ. Фыццаджыдæр адæм æнæниз куыд уой, стæй уæд хъæздыг тыллæг æмæ бæркад. Бæлццæттæ-иу æрбацыдысты, цæмæй сæ фæндаг сыгъдæг æмæ рухс уа, уый тыххæй. Ацы аз ма хицæн куывдтытæ хъуыстысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы цы æфсæддонтæ хæцынц, уыдоны тыххæй. Се ппæты фæндон дæр уыд иу – цæмæй сæ хæдзæрттыл сæмбæлой сæрæгасæй æмæ æнæнизæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania