филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:39 суббота, 18 мая 2024
14 июня 2022, 13:08
Цъæйы комы сбæрæг кодтой Рекомы дзуары бон

Æнусты сæрты рахизгæйæ, ныртæккæ дæр сыгъдæг бынат йæхимæ лвасы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы

Цъæйы комы сбæрæг кодтой Рекомы дзуары бон. Æнусты сæрты рахизгæйæ, ныртæккæ дæр сыгъдæг бынат йæхимæ лвасы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы. Рагон æгъдаумæ гæсгæ, адæм æртыгай æртæдзыхæттимæ цыдысты сыгъдæг бынатмæ æмæ хуыцауæй куырдтой æнæниздзинад, фарн æмæ амонд. Ныхасы бар нæ уацхæссæг Гæджиты Сосланæн.

Цъæйы комы кувынц Уастырджимæ. Мыггæгты хистæртæ, æрыгон нæлгоймæгтæ æмæ гыццыл лæппутæ Рекомы дзуармæ æрбацæуынц æртыгай чъиритимæ æмæ уæлмонц æнкъарæнтимæ. Сæйраг куывд хистæртæ хъуамæ скæной сыгъдæг бынаты. Уырдæм цæуæн ис æрмæстдæр нæлгоймæгтæн. Уыимæ иу километры бæрц хъуамæ ацæуой бæгъæмвадæй. Таурæгъмæ гæсгæ Реком фæзынд, Хуыцау Нарты Батразы амæлæты фæстæ, цы æртæ цæссыджы æркалдта, уым. Сылгоймæгтæн ардæм цæуыны бар нæй. Уыдонæн ис сæхи дзуæрттæ – Мадымайрæмы æмæ чызджыты. Ацы традицитæ хистæртæ амонынц кæстæртæн.

Июны дыккаг сабаты ардæм æрбамбырд вæййынц сæдæгай ирон адæмтæ. Уæвгæ, нæ республикæйы чи нæ цæры, уыдон дæр бæллынц ацы сыгъдæг бынатмæ. Иумæйаг фынджы уæлхъус фæхъуысынц национ зардждытæ. Кæстæртæн та фадат вæййы рагон ирон хъæзтытимæ базонгæ уæвынæн.

Рекомы кæддæриддæр куывтой сæйрагдæр хъуыддæгтыл. Уыдоныл та нымад уыдысты – хъæздыг тыллæг стæй æнæниздзинад. Бæлццæттæ-иу аудындзинад агуырдтой дард фæндаджы размæ. Иу ныхасæй ацы бынат раст цыма арв æмæ зæххæ кæрæдзиуыл бæтты, афтæ у. Уымæ гæсгæ дзы банкъарæн ис алæмæты сыгъдæгдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania