Æртæ къуырийы дæргъы сæ архайджытæ сæхи фæлвардзысты фыццаг æххуыс кæныны æмæ хъыгдардбаййафджытæн æххуыс кæныны хъуыддаджы
Цъæйы цæуынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады альпинистты-ирвæзынгæнджыты Æппæтуæрæсеон æмбырдтæ. Æртæ къуырийы дæргъы сæ архайджытæ сæхи фæлвардзысты фыццаг æххуыс кæныны æмæ хъыгдардбаййафджытæн æххуыс кæныны хъуыддаджы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусынмæ Максим Попов бæллыд йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ. Ныр у 2-æм къласы ирвæзынгæнæг горæт Кировскы. Æдзух архайы йæ профессионалон фæлтæрдтæ фылдæр кæныныл. Цæгат Ирыстонмæ дæр ссыд уый фæдыл. Максим архайы Æнæхъæлæджы уавæрты министрады альпинисты-ирвæзынгæнджыты Æппæтуæрæсеон æмбырдты. Кавказы тæргайгæнаг рельеф рæдыдтытæ нæ бары, фæлæ ирвæзынгæнæг ныфсджынæй фæнд кæны ацы бæрзæндтыл дæр фæуæлахиз уæвын.
Ирвæзынгæнджытæ архайынц практикон ахуырты альпинистты цæттæдзинадæй. Цæгат Ирыстоны цæуынц 4-æм хатт, ахæсдзысты 3 къуырийы. Æмбырдты программæ у алывæрсыг. Теоретикон хайæ уæлдай специалисттæ сæ фæлтæрдтæ фылдæр кæнынц фыццаг æххуыс бакæнынæй, хъыгдардбаййафджыты æнæнхъæлæджы уавæрты бынатмæ баласынæй. Нæлгоймæгтимæ ахуырты архайынц сылгоймæгтæ дæр. Валерия Дьякова ссыд Сочийæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусы афæдзы *рдæг.
Æмбырдты дыккаг аз архайынц ирвæзынгæджытæ Белоруссийæ. Цæгат Ирыстонмæ ссыд 7 спортсменæй арæзт командæ. Йæ уæнгтæй алкæмæ дæр ис 3-аг разряд альпинизмæй. Æдæппæтæй Цъæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуырадон-тренировкæтæгæнæн центры сæхи цæттæ кæнынц 34 адæймаджы. Адих сæ кодтой 2 къордыл: фæлтæрдджын ирвæзынгæджытыл æмæ службæйы ног кусджытыл.
Æмбырдтæ фæуыдзысты тестытæ дæттынæй. Æнтыстджынæй сæ куы сæххæст кæной, уæд æрыгон специалисттæн ратдзысты альпинистты риуылдарæн нысантæ, фæлтæрдджын ирвæзынгæнджытæн та фæуæлдæр уыдзæн сæ разряд.




