филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:26 вторник, 30 апреля 2024
10 июня 2019, 12:20
Цъæйы уыдысты туризмы Кубок рамбулыны ерыстæ

Архайдтой дзы республикæйы 6 национ æхсæнады минæвæрттæ. Саразтой сын, æнцонтæй кæй нæ уыд ацæуын, ахæм программæ.

Цъæйы уыдысты туризмы Кубок рамбулыны ерыстæ. Архайдтой дзы республикæйы 6 национ æхсæнады минæвæрттæ. Саразтой сын, æнцонтæй кæй нæ уыд ацæуын, ахæм программæ. Йæ фæлгæты сты туризмы техникæ, фарстатæ историйæ, бæстæзонынæй æмæ ма бирæ æндæр цымидисаг хæслæвæрдтæ. Уæлахиздзау командæйæ райста Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады сæрмагонд Кубок. Дыууæ боны лæппутæ æмæ чызджытæ æххæст кодтой алы хæслæвæрдтæ. Радтой фæллоймæ æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады нормæтæ, ацыдысты хохы зынвадат фæндæгты. Жюрийы уæнгтæ канд се спортивон цæттæдзинадмæ нæ кастысты, фæлæ ма сфæлдыстадон курдиатмæ дæр, акодтой зарджытæ. Туристон клубы разамынд фæнд кæны Кубок рамбулыны ерысты архайынмæ сразынгард кæнын сыхаг республикæты дæр. Ацы аз уал йæ уазджытæ уыдысты Дагестаны республикæйы минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania