филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:28 пятница, 03 мая 2024
08 июля 2022, 11:12
Цæлыччы скъолайы кæрт сси сæрмагонд республикон конкурсы уæлахиздзау

Æдæппæтæй конкурсы архайдта 50 республикон скъолайы, уыдонæй 20 рахызтысты регионалон къæпхæнмæ.

Пъæмидортæ, астрæтæ, кæрдотæ ис æрзайын кæнын иу территорийыл – скъолайы кæрты. Ахæм æнтыстдзинад бафтыд Цæлыччы скъолайы къухы. Ахуыргæнæндон сси сæрмагонд республикон конкурсы уæлахиздзау. Ацы хъуыддагыл куыд бацархайдтой, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Иу хуымы 2 алхуызон халсары – джитъри æмæ пъæмидор – куыд æрзайын кæнын хъæуы, уый зоны Джаджиты Кристинæ. Куыд зæгъы, афтæмæй хъæздыг тыллæгыл хъæуы стыр фыдæбон бакæнын. Садзæнтæм цæст дарынц фæлладуадзæн рæстæг дæр. Скъолайы кæрты цæхæрадон саразыны хъуыды се *ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд. Халсартæ ардыгæй бахауынц хæрæндонмæ.

Джаджиты Кристинæ: «Фыццаг райдыдтам дидинджыты куыст кæнын, цæмæй ног ахуырадон азы райдианмæ нæ кæрт рæсугъд уа. Уый фæстæ нæ зæрдæмæ тынгæй-тынгдæр цæуын райдыдта, æмæ райдыдтам садзын джитъритæ дæр, нас дæр ныссагъдтам. Уыдоны куыст кæнæм – райсомæй æмæ изæрæй, цæмæй нæ хур тынг ма тава, уый тыххæй».

Алы къласæн дæр – йæхи хуым. Ацы аз цы ныссаддзысты, уый сывæллæттæ сæхæдæг æвзарынц. Директоры ныхæстæм гæсгæ, ног скъолайы территори стыр у. Фæнд кæнынц дыргъдон дæр саразын. Сентябры та ам ракалдзысты астрæтæ æмæ пионтæ. Ныртæккæ та сывæллæттæ ахуыр кæнынц, уардитæ куыд зайын кæнын хъæуы, уый.

Цæлыччы скъола сси, республикон конкурс «Хуыздæр скъолайы кæрт»-ы уæлахиздзау. Архайджытæн раарфæ кодта министр Алыбекты Эллæ. Уæлахиздзауы схорзæхджын кодтой дипломæй æмæ 100 мин сомæн сертификатæй.

Уыцы фæрæзтæ схардз кæндзысты скъолайы территори дарддæр аив кæныныл.

Хæзныдоны иунæг скъола дæр архайдта республикон конкурсы. Рамбылдта номинаци «Приз зрительских симпатий»-ы. Ахуыргæнæндоны уый æнхъæл нæ уыдысты. Аив скъолайы кæрт, цъæх зонæ, сывæллæттæн æдас фæз. Директор Тубеты Роберты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуамæ уа территори. Фæлæ уымæн алы хатт нæ фæфаг кæнынц фæрæзтæ. Аивдзинадмæ цæст дарынц æрмæст ахуыргæнджытæ нæ, фæлæ скъоладзаутæ дæр.

Тубеты Роберт, хæзныдоны скъолайы директор: «Нæ цæхæрадоны, не скъолайы æдзухдæр архайæм. Нæ спонсор Боллоты Таймуразы фæрцы цалцæг кæнæм. Уый фæрцы рæсугъд конд æрцыд не скъола. Мах хъæуы æрмæстдæр дарддæр уыцы рæсугъддзинад æххæст кæнын. Ууыл архайæм мах дæр, сывæллæттæ дæр».

Æдæппæтæй конкурсы архайдта 50 республикон скъолайы. Уыдонæй 20 рахызтысты регионалон къæпхæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania