филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:45 воскресенье, 19 мая 2024
17 ноября 2023, 11:05
Цæрикъаты Оксанæйæн ацы хъуыддаг сæххæст кæнын æнцон у – хъæуы арфдæр æркæсын историмæ

Хъамбердиаты Мысост йæ райгуырдæй цыма зыдта, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад цы у, уый

 

Сергей Меняйло схорзæхджын кодта Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреатты. Дыууынæм æнусы хъуыстгонд ирон поэты номыл кадджын преми райсыныл архайдтой 5 æрыгон авторы. Уыдонæй равзæрстой дыууæ уæлахиздзауы, номинацитæ «Прозæ» æмæ «Поэзи»-йы. Республикæйы Сæргълæууæджы указмæ гæсгæ, Хъамбердиаты Мысосты паддзахадон премийы аккаг сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Цæрикъаты Оксанæ. Поэзийы та хуыздæрыл нымад æрцыд Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бететы Фатимæ.  Цавæр куыстыты тыххæй сын саккаг кодтой премитæ, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

 

Урс, фæныкхуыз, сау пропагандæ… Уыцы фæзындтæ цы нысан кæнынц, уый студенттæн бамбарын кæнын, æмæ сын уыимæ цæмæй лекци цымыдисаг уа, ууыл бацархайын. Цæрикъаты Оксанæйæн ацы хъуыддаг сæххæст кæнын æнцон у – хъæуы арфдæр æркæсын историмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ахуырты дæр æмæ æрвылбон царды дæр, ивгъуыдыл афæлгæсын нысан кæны хъæугæ фарстайæн дзуапп ссарын. Йæ уацмысы сюжетыл æй бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыд. Сфæнд кодта, йæ зæрдæйæн хæстæг цы у, уый тыххæй ныффыссын. Сæрмагондæй та, антикон дуджы æмæ абон дæр ахсджиаг цы у, уый тыххæй.

«Уыд раздæр Ирыстоны». Афтæ хуыйны Оксанæ цы радзырд ныффыста, уый. У йæ фыццаг уацмыс, æмæ йæ саразынмæ сæрмагонд уæлкурдиатимæ бавнæлдта. Йæ куыст æй конкурсмæ арвитын кæй фæндыд, уый тыххæй нæ, уый йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Йæ радзырдæй ссардта йæ нанайы ном. Хъыгагæн, йæ цардæй ахицæн. Æмæ Оксанæ йæ хъайтартæй иуы схуыдта йæ уарзон нанайы номæй.

Хъамбердиаты Мысосты номыл премийы лауреаты ма сбæрæг кодтой «Поэзи»-йы номинацийы дæр. Фæуæлахиз Бететы Фатимæ. Йæ куыст у – æмдзæвгæты æмæ тæлмацты æмбырдгонд «Уалдзыгон къæвдатæ».  Сæ тематикæ – алыхуызон.

Хъамбердиаты Мысост йæ райгуырдæй цыма зыдта, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад цы у, уый. Никуы йæ рох кодта. Фæцард æрмæст 22 азы. Фæлæ  уый фаг уыд, цæмæй ирон литературæйы йæ ном баззайа æнустæм. Абон йæ фæдонтæ дарддæр æххæст кæнынц йæ хъуыддаг – архайынц национ литературæйы райрæзтыл æмæ йæ сæйраг хæзнатæ бахъахъхъæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania