филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:59 суббота, 18 мая 2024
07 марта 2023, 12:02
«Царды историйы урок» РЦИ-А аивæдты сгуыхт архайæг Бекъойты Розæимæ арæзт æрцыд базарадон-экономикон колледжы

Студенттимæ театралон режиссерыл æхсызгонæй сæмбæлдысты йе мкусджытæ, хæлæрттæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ

«Царды историйы урок» республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Бекъойты Розæимæ арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы. Студенттимæ театралон режиссерыл æхсызгонæй сæмбæлдысты йе мкусджытæ, хæлæрттæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ. Бекъойты Розæ цы спектакльтæ сæвæрдта, уыдон алкæмæндæр зындгонд сты. Хетæгкаты Къостайы премийы лауреаты сфæлдыстадон хæзнадоны цал куысты ис, уый банымайæн зын у. Архайдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хуыздæр театрты къордтимæ. Кæддæриддæр иузæрдион уыд равзæрст дæсныйадыл. Республикæйы зындгонд адæмимæ ахæм мадзæлттæ колледжы вæййынц æрвылаз. Сæ нысан у, рæзгæ фæлтæры зонгæ кæнын, йæ Райгуырæн зæххы райрæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдонимæ.

Еналдыты Хъазыбег, Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар, РЦИ-А Æхсæнадон палатæйы уæнг: «Хорз проекттæ сæм ис хъомылады фарстайы. Кæстæр цæмæй æгъдауджынæй хъомыл кæна, цæмæй йын дæнцæг уа, уымæн Ирыстоны бирæ зындгонд адæм ис. Уыдоны хъысмæтыл ацы фембæлдтытæ кæнæм. Абон Бекъойты Розæ нæ зындгонд театралон архайæг, режиссер ам ис. Кæстæртæ диссаджы мадзал бацæттæ кодтой. Розæ йæ цард снывонд кодта Ирыстоны кад æмæ намысæн. Уый уыдзæн рæсугъд дæнцæг кæстæр фæлтæрæн. Уыдон дæр ахæм зындгонд адæм куыд суой, уый сын нæ зæрдæ зæгъы».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania