12 июня 2026, 09:46
Центрон библиотекæйы арæзт æрцыд мадзал «Уæрæсе райдайы чысыл райгуырæн зæххæй
Скъоладзаутæн бацæттæ кодтой цымыдисаг экскурси бæстæзонæн хайадмæ
«Уæрæсе райдайы чысыл райгуырæн зæххæй». Ахæм поэтикон сæргондимæ мадзал арæзт æрцыд Центрон библиотекæйы. Историйы сахат баст уыд Уæрæсейы Бонимæ. Скъоладзаутæн бацæттæ кодтой цымыдисаг экскурси бæстæзонæн хайадмæ. Экспозицийы уыдысты рагон чингуытæ æмæ цардархайды дзаумæттæ. Мадзал фæцис сфæлдыстадон дæсныйадæвдисæг ахуырæй. Сывæллæттæ сæхи къухтæй скодтой национ уæлæдарæсы кукла.




