филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:38 понедельник, 06 мая 2024
18 февраля 2021, 12:28
Центрон паддзахадон архивы бæстыхайы арæзтадыл æрныхас кодтой Кæсæбиты Игорь æмæ Тебиаты Еленæ

Æркастысты Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты паддзахадон программæ «Информацион æхсæнад»-ы архайыны фарстамæ

Республикæйы центрон паддзахадон архивы бæстыхайы арæзтадыл æрныхас кодтой хицауады сæрдары хæдивæг Кæсæбиты Игорь æмæ архивон службæйы разамонæг Тебиаты Еленæ сæ кусæг фембæлды рæстæг. Æркастысты Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты паддзахадон программæ «Информацион æхсæнад»-ы архайыны фарстамæ. Тебиаты Еленæ куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн бакуыстой проектон-сметон документацийыл. Амынд дзы ис паддзахадон экспертизæйы разыйы дзуапп. Уымæй уæлдай, Дзæуджыхъæуы снысан кодтой объект арæзт кæм æрцæудзæн, ахæм зæххы хай. Зæгъын хъæуы уый æмæ паддзахадон архивы бæстыхайы арæзтад хаст æрцыди Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, ууыл 1100 азы кæй сæххæст, уый бæрæг кæныны пъланмæ. Революцийы агъоммæйы рæстæгæй архивы ис бирæ стæ, æмбал кæмæн нæй, ахæм æрмæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania