филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:25 пятница, 03 мая 2024
28 марта 2023, 10:26
ЦИПУ-йы æрныхас кодтой экологийы лыггæнинаг фарстатыл, æмæ сыл  бакусыны мадзæлттыл

Семинар баст уыди фæлхасгæнæджы бартæ хъахъхъæныны æппæтдунеон бонимæ

ЦИПУ-йы æрныхас кодтой экологийы лыггæнинаг фарстатыл, æмæ сыл  бакусыны мадзæлттыл. Семинар баст уыди фæлхасгæнæджы бартæ хъахъхъæныны æппæтдунеон бонимæ. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы кусджытæ, бырæтты куыст кæныны оператор «Эра»-йы директор Гокъоты Алыксандр æмæ æндæр бæрнон куысджытæ. Студенттæн радзырдтой управленийы фæлхагæнджыты бартæ хъахъхъæныны хайады куысты тыххæй, стæй адæмæн цы гæнæнтæ ис сæ бартæ бахъахъхъæнынæн, уыцы лыстæг хъуыддæгтæ. Фæлхæсадмæ цæстдарды акцийæ ма иу хатт æргом здахынц адæмы æнæниздзинадмæ бæрнондæр цæстдардмæ. Нæ алыварс æрдзы уавæр комкоммæ  тæссаг у цæрджытæн. Ацы хъуыддаджы фæдыл специалисттæ кæнынц иртасæн куыст. Ныридæгæн арæзт æрцыди бирæ æнтыстджын проекттæ, се хсæн бырæттæ хицæнæй æмбырд кæныны программæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania