филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:31 четверг, 02 мая 2024
04 октября 2022, 11:44
ЦИПУ-йы байгом «Точка кипения»

Афтæ схуыдтой, университеты бындурыл цы сæрмагонд фæз байгом кодтой, уый

ЦИПУ-йы байгом «Точка кипения». Афтæ схуыдтой, университеты бындурыл цы сæрмагонд фæз байгом кодтой, уый. Архайдзысты дзы бæстæйы алы регионты технологон райрæзты хъæппæристæ æмбырд æмæ парахат кæныныл. Ахуырадон тыгъдад гом у се ппæтæн дæр, архайыны фадат та у лæвар. Алчидæр дзы йæхицæн ссардзæн ног гæнæнтæ. Фæсивæдæн уыдзæн æнæрлæугæ ахуырадон фæрæз, архайдзысты дзы теренингты, лекциты, сесситы æмæ æндæр пайдайаг хъуыддæгты. «Точка Кипения» уыдзæн горæты форматы хуызы. Æрмæст дзы хъæуы системæйы хи срегистраци кæнын. Ам райрæзты ахадгæдæр къабæзтæ суыдзысты студентты амалхъомдзинад, проекттæ æмæ технологитæ, нымæцон куыст, ай-ти ахуырад, хи проекттæ аразын. Центр байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой  Уæрæсейы наукæйы æмæ уæлдæр ахуырады министрады, республикæйы хицауады æмæ æндæр кадджын уазджытæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania