Бацархайдтой дзы 110 скъоладзауы. 10 боны дæргъы ахуыр кодтой Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны истори, культурæ
ЦИПУ-йы сæхгæдтой Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй сывæллæттæн арæзт мадзал – «Университетская смена- 2022». Бацархайдтой дзы 110 скъоладзауы. 10 боны дæргъы ахуыр кодтой Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны истори, культурæ. Хуынд цыдысты музейтæм, театртæм, зонадон балцытæм. Ахуыртæ сæхгæныны кадджын мадзалы лæппутæн æмæ чызджытæн фадат уыд, уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Огъуаты Аланимæ аныхас кæнынæн. Раргом ын кодтой се нкъарæнтæ дæс боны ахуырты фæдыл. Проект «Университетские смены» царды уагъд цæуы Уæрæсейы рухстауынады æмæ ахуырады æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Архайынц дзы Бæстæйы 15 университеты. Уыдон суазæг кодтой Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй мин скъоладзауæй фылдæр, 12 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ.